Мæлæтæй æфхæрд у адæймаджы цард байсыны æфхæрд иуæй-иу фыдракæндтæ бакæныны тыххæй. Нырмæ 130 паддзахады мæлæтæй æфхæрд сæ закъæттæй аиуварс кодтой, уыдонæй фыццаг сси Венесуэлæ 1863-æм азы.
30 паддзахадæй фылдæры мæлæтæй æфхæрд у наркотиктæ хæлиугæнджытæн закъонмæ гæсгæ æфхæрд. Иран, Сингапур, Малайзи æмæ Филиппинты, адæймагмæ наркотиктæ бæрцæй иу чысыл куы разыны, уæд мæлæтæй æфхæрды тæрхон ын рахæссынц.